🌿Ацы бæрæгбонмæ алчидæр архайы хæдзæрттæ хæрзыфснайд куыд уой. Кæд гæнæн уа, уæд ног дарæс дæр скæнынц.
🌿Куадзæн æхсæвы фæсивæд æмбырдæй зилы хъæуы хæдзæрттыл, зарынц. Хъæр кæнынц: «Чырысти райгас!»- «Ацæгдæр райгас!» (кæнæ «Йæ хорзæх дæ уæд»).
🌿Чындзытæ раджы суадонæй дон схæссынц, куадзæны æхсæвы дон, дам, Хуыцауæй арфæгонд у. Хæдзары бинонтæ уыцы донæй сæхи ныхсынц.
🌿Бæрæгбон у æгас хъæубæстæйæн. Иумæйаг куывды æрбадынц, алыхуызон хъазтытæ кæнынц. Фæсивæд хъазты æвдисынц сæ арæхстдзинад кафты.
🌿 Хуздæры дзы схорзæхджын кæнынц нуазæнæй, кæнæ йын хистæртæй исчи арфæ ракæны. Раздæр иу хъазтмæ цыдысты барджытæ. Ерыс кодтой: тæхгæ бæхæй фелвас зæххыл æвæрд худ, ставд зæгæл, кæнæ æхца. Чи иу фæсгуыхт, уымæн иу балæвар кодтой исты лæвар.
🌿Фæсивæд ахурст æйчытæй кæнынц алыхуызон хъæзтытæ, уыдонæй иу «Къуырццытæ» – кæрæдзиуыл сæ къуырц кодтой, кæмæн-иу ацæл, уый-иу æй иннæмæн радта. Хъазыдысты ма «Тулæнтæй» дæр.
🌿Куадзæны фæсивæд кæрæдзийыл дон калынц, стыр артытæ скæнынц, саразынц ма цъил.
🌿К этому празднику каждый старался убрать дом. Если была такая возможность, то надевали новые вещи.🌿В пасхальную ночь молодежь группами обходит дома, с песнями. Приветствуя односельчан словами: «Христос воскресе!» – «Воистину воскресе!».
🌿Девушки рано утром приносят воду с родника. Считается, что в пасхальную ночь вода благословляется Всевышним. Домочадцы умываются этой водой.
🌿Это праздник для всего села. Устраивают общее застолье, играют в различные игры.
🌿Молодежь демонстрирует свое мастерство в танце. Лучшим вручается почетный бокал, или кто-либо из старших произносит благопожелание молодым.
🌿Раньше активное участие в играх принимали и наездники. Они соревновались: на полном скаку с лошади надо поднять лежащую на земле шапку, забитый в землю большой гвоздь или монетку.
🌿Победитель награждался призом. Молодежь устраивает различные игры и с крашеными яйцами, одна из них: яйца стукают друг об друга, чье яйцо треснет – тот и проиграл, поэтому должен был отдать треснувшее яйцо противнику.
🌿Еще яйца скатывали с пригорков. В Пасху молодежь обливает друг друга водой, устраивает большие костры, строит качели.