ПРАЗДНИК ВЗРОСЛЕНИЯ: ЦÆУÆГГАГ

🌿ОСЕТИНСКИЙ КАЛЕНДАРЬ. ИРОН БӔРӔГБӔТТӔ

🌿 ЦӔУӔГГАГ – ПРАЗДНИК В ЧЕСТЬ ПЕРЕХОДА МАЛЬЧИКА ОТ ПОКРОВИТЕЛЬСТВА “МАДЫМАЙРӔМ” ПОД ПОКРОВИТЕЛЬСТВА “ЛӔГТЫ ДЗУАР”

🌿 Лæппуйыл-иу æртæ азы куы сæххæст, уæд-иу ын йæ ныййарджытæ скодтой Цæуæггаг.

🌿Уæдмæ-иу ын бахуыдтой, нæлгоймаг кувæндонмæ цы дарæсты цыди, ахæмтæ къæхтæй сæрмæ йæ фæлыст, сифтонг-иу æй кодтой хъæдын хæцæнгæрзтæй. Бæрæгбонарæзт лæппуты-иу хистæртимæ арвыстой Тхосты дзуары кувæндонмæ Куырттаты комы Цымытимæ.

🌿Уырдæм-иу æрцыди, сабитæ сылгоймæгтыл аудæг æмæ уыдонæн цот лæваргæнæг дуагæн хæрзбон куыд зæгъдзысты æмæ æндæр дзуарыл сæхи куыд бафæдзæхсдзысты, уый уынынмæ бирæ адæм. Уыцы дзуары хуыдтой «тыхджын», номджын, нæргæ хъæлæс, цытджын.

🌿Кæй фæдзæхстой, уыдонæй алкæй къухы дæр уыди зæлдаг хъуымацы уадздзæгтæй фæлыст хъæдын фат. Кувæндоны раз-иу хъæуы хистæр скуывта сабитæн, æхсæнады ног уæнгты-иу дзуарыл бафæдзæхста.

🌿 Кувæг-иу загъта: «Лæппутæ сты уæнгвидар, сæхи гъдауæй æрбацыдысты дзуары бынмæ. Хистæрты фæндиаг байрæзут,”- зæгъгæ, сын-иу раарфæ кодта. Уый фæстæ-иу сын сæ худтæ систой æмæ, фæтк куыд амыдта, афтæ-иу сын сæ сæртæ згъæр даст акодтой. Уый фæстæ-иу лæппутæ сæ фæттæ бахастой кувæндонмæ дзуарæн-иу лæвæрттæ ракодтой, уый хуынди æрхъуын. Уыцы æгъдæутты фæстæ-иу лæппутæ нымад æрцыдысты æхсæнады æмбар уæнгтыл. Уæдæй фæстæмæ сын уыди хъæуы æхсæны хъуыддæгты архайыны бар.
Бæрæгбон Цæуæккаг æппæты тынгдæр кодтой Куырттаты комы. Сæдæ азы размæ дæр ма йæ бирæ рæтты нысан кодтой.

🌿Бирæ рæтты-иу уыцы бон сæ чысыл сабиты ахуыдтой куыроймæ æмæ-иу сæ дзуæрттыл бафæдзæхстой, сæрмагондæй сын-иу фыстæ снывонд кодтой, аргæвстой-иу сæ, бахсыстой-иу бæгæны. Цыппæрæмы кадджын бон-иу æрхуыдтой хъæуккаг лæппутæн бакувынмæ æмæ-иу сæ хорз фæхынцтой.

🌿Абон дӕр Ирыстоны, уыцы бӕрӕгбон кӕнынц бирӕ быдираг хъӕуты. Нӕ зӕрдӕ дардзыстӕм, афӕдзӕй-афӕдзмӕ фӕдзӕхсгӕ кӕй кӕнынц, уыцы лӕппутӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕй кӕндзысты ууыл.

ПРАЗДНИК В ЧЕСТЬ ПЕРЕХОДА МАЛЬЧИКА ОТ ПОКРОВИТЕЛЬСТВА “МАДЫМАЙРӔМ” ПОД ПОКРОВИТЕЛЬСТВА “ЛӔГТЫ ДЗУАР”

🌿Праздник связан с инициацией и социализацией детей. По исполнении мальчику трех лет, родителями его устраивался праздник “цӕуӕггаг”.

🌿К этому дню мальчику готовили комплект одежды, заключавший в себя все атрибуты мужского праздничного костюма, вплоть до бутафорского оружия.

🌿В сопровождении старших празднично одетых мальчиков отправляли к святилищу «Тхост-дзуар», расположенному у сел. Цимити в Куртатии. Туда же собиралось множество людей, желающих присутствовать на обряде прощания детей с покровителем женщин, чадородия и переходом их под покровительство другого святого – имя которого означает «сильный\знаменитый\громкий\славный».

🌿В молитве содержались также пожелания мальчикам быть достойными младшими для своих старших. После моления с посвященных снимали головные уборы и подвергали их обрядовому бритью головы /”зыгъар даст”/.

🌿Затем мальчики подносили принесенные стрелы святилищу в качестве своеобразных культовых даров. После этих процедур малыши считались полноправными членами сельской общины.