Хуымæллæджы Кæсæбиты Митяйы номыл Культурæйы хæдзары уыд стыр бæрæгбон. Дзудтæгаты Хъазыбеджы номыл Адæмон театр аивадуарджыты размæ рахаста Айларты Асæхмæты фыст пьесæ «Фыдыуæзæг» – мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Бацæттæ йæ кодтой хъæубæсты фæрныгдæр хистæртæй иу Цæгат Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæг Хъуылаты Акимы райгуырды 85 юбилеймæ.
Пьесæ фыст у хъæздыг æмæ нуарджын æвзагæй. Йæ хъуыды у арф æмæ мидисджын. Спектакль æвæрæг – режиссер Цæгат Ирыстоны адæмон артист Айларты Асæхмæт Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон Академион драмон театры 90 азмæ цы традицитæ бахсыстысты,уыдон бацархайдта сценæмæ рахæссыныл. Цы тынуафтыл бакуыста, уымæн йæ литературон бындур банкъарынæн арæхстджынæй спайда кодта сценæйы аивадон фæлгæт æмæ зæлвидыцæй.
Спектаклы архайдтой: Дзамболат – Цæгат Ирыстоны Культурæйы сгуыхт кусæг Хъуылаты Аким, Сæлимæт – Дзампаты Земæ, Фари – Кцойты Фатимæ, Гæлæбу – Дулаты Альбинæ, Мырткæ – Бедойты Фатимæ, Мысост – Уалыты Таму. Хæдахуыр артисттæ уд цы фæлгойнцты бауагътой, уыдонæй алкæцыдæр уыд уырнинаг æмæ сæ чи ахъазыд, уыдоны фæрцы ссис цæрæццаг.
Кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны Культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Мæринæ. Уый раарфæ кодта спектаклыл бакусæг къордæн æмæ Культурæйы министрады Кады гæххæтæй схорзæхджын кодта Хъуылаты Акимы.
Юбилярæн зæрдиаг арфæ чи ракодта æмæ Адæмон театры æнтыстыл чи бацин кодта, уыдонимæ уыдысты Цæгат Ирыстоны Адæмон сфæлдыстады республикон Хæдзары кусджытæ. Йæ сæргълæууæг Лалыты Хъазыбег Арфæйы гæххæт æмæ зæрдылдарæн лæварæй схорзæхджын кодта, фæллойы рухс æмæ аивады уæлтæмæн йæ 85 азы ауæдзыл кæй æрæвæрдтой æмæ уыдонæй 72 азы Адæмон театры йæ хъæубæстæн зæрдæйы рухс чи хæссы, уыцы Акимæн.
Арфæйы фыст ис:
«Арфæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Хъуылаты Акимæн
Кад æмæ намыс ссаргæйæ не сты, уыдон сты стыр хæзнатæ. Дæ æвæллайгæ фæллой æмæ фыдæбонæй хъæубæсты æхсæн цы стыр æгъдау дæттыс, уыдоны фæрцы систы, адæм дæ кæмæй схорзæхджын кодтой, уыцы зынаргъ хæрзиуджытæ. Адæмон театры цы цæрæццаг фæлгонцтæ скæныс, уыдоны ахъары ирон зæххы сой æмæ дзаг вæййынц æнкъарæнтæй. Цы ахорæнтæ æмæ фæлгъуызтæй спайда кæныс, уыдон та вæййынц арф æмæ мидисджын. Дæу æмæ дæ фæлтæрæй фидауы Ирыстон!
Нæ фæрныг хистæр, дæ райгуырæн боны хорзæх дæ уæд! 85 азы у царды рындзы къæпхæнтæй иу æмæ йæ бæрзæндæй зæрдæрухсæй акæс!»
Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары театралон жанры специалист Бесолты Лидия та хæдахуыр артисттæн арфæ ракæнгæйæ алкæмæн дæр хицæнæй равзæрста йæ фæлгонц æмæ иумæ æрныхас кодтой лыстæг сфæлдыстадон æууæлтыл.
Бæрæгбон цæмæй æнтыстджынæй ацæуа уый тыххæй стыр куыст бакодта Рахизфарсы районы Культурæйы управлени. Йæ сæргълæууæг Хуыгаты Батраз зæрдиаг арфæ ракодта Адæмон театры хæдахуыр артисттæ æмæ йæ аивадон разамонæг Айларты Асæхмæтæн. Юбиляр Хъуылаты Акимæн зæрдылдарæн лæвар кæнгæйæ бафиппайдта, æнæ Аким спектакль æнтыстджын кæй нæ рауадаид, уый.
Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрад, Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзар æмæ Театралон архайджыты цæдисæн хъæубæсты номæй арфæ кæнгæйæ Кæсæбиты Барис фæбæлвырд кодта, Аким абон дæр ма хъæуы раззагдæр фæллойгæнджытæй иу кæй, уый. Йæ саргъыбæх – кран, фæлæ куы бахъæуы, уæд амæй зынархайддæр техникæ нæй, ууыл дæр æдыхст æмæ сæрæнæй абады, йæ хæстæ кæстæртæй уæнгронгдæрæй сæххæст кæны.