Дзырды зæрингуырд, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 166 азы.
Ирон адæмæн Къоста уыд æмæ у рæстæг æмæ адæмы хъæлæс, рæстдзинады тырыса, йе ’фхæрд дзыллæйы бартыл дзурæг æмæ сæрибарыл тохгæнæг. Йе сфæлдыстад æнусты сæрты хæссы дуджы азæлд, исы æнусты арæнтæ, æууæндын нæ кæны нæ дзыллæйы нæртон хъомысыл, цæмæй сты, уыцы фидыцтæ цæуой иу фæлтæрæй иннæмæ. Кад æмæ намыс, йæ адæмы рухс фидæнæн йæ цард нывондæн чи æрхаста уыцы адæймагæн.
Арфæ кæнын, Къостайы фарны дзырд йæ зæрдæйы дзæнгæрæгау кæмæн зæлы, рæзгæты удтæм æй чи хæссы, не ’мдугонтæмæй чи хæццæ кæны.
Къостайы фæндиаг уæд Ирыстон, æрбамбырд нæ кæнæд йæ фарныдзырд, йе ’нкъард зарæг цины кадæгмæ раивæд!
Лалыты Хъазыбег