«Æз амондджын дӕн ирон кӕй дӕн уымӕй…». Йӕ цардӕй ахицӕн Иры ӕнусон кадӕг ӕмӕ зарӕджы бардуаг, Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕ, Цӕгат Ирыстоны Мариинаг театры филиалы Нӕлгоймӕгты зарӕггӕнджыты паддзахадон къорды аивадон разамонӕг Дзанайты Ольгӕ.
Ольгайӕн йӕ курдиат бахсыст Цӕгат Ирыстоны Аивӕдты училищайы ӕмӕ Гнесинты номыл Уӕрӕсейы музыкӕйы акдемийы.
Фольклорон къордтӕ «Чепена» (1982-1989) ӕмӕ «Нарон» (1988-1989), Хӕххон-Аграрон Университеты профессортӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй арӕзт зарӕггӕнджыты къорд «Æфсати» (1990-2000) систы йӕ ӕрвон курдиат тӕмӕн кӕм скалдта, уыцы аивадон фӕзтӕ.
2000 азы йӕ хъӕппӕрисӕй Цӕгат Ирыстоны падзахадон Филармонийы бындурыл арӕзт ӕрцыд Ирон зарӕджы нӕлгоймӕгты къорд. Уый цыбыр рӕстӕгмӕ ссис Цӕгат Ирыстоны Культурӕйы министрады номгӕнӕг сфӕлдыстадон иуӕг.
Уыцы иу рӕстӕг Дзанайты Ольгӕ куыста Цӕгат Ирыстоны Культурӕйы министрады Аивӕдты лицейы. Ам дӕр йӕ хъӕппӕрисӕй 1983 азы арӕзт ӕрцыд камерон хор «Арион». Йӕ репертуармӕ хаст ӕрцыдысты уырысааг ӕмӕ днеон аивады налхъуыт-налмаста, се ’мрӕнхъ сӕрттывтой ирон адӕмон сфӕлдыстады уацмыстӕ ӕмӕ ирон композиторты тынуӕфтытӕ. Хор ссис Æппӕтдунейы хорты Федерацийы (IFCM) ӕмӕ Европӕйы хорты Федерацийы (EC) уӕнг. Францийы, Чехийы, Германийы, Австрийы, Италийы, Испанийы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр паддзахадты цӕуӕг фестивальтӕй Ирыстонмӕ Камерон хор «Арион» кӕддӕриддӕр здӕхт бӕрзонддӕр кады нысантимӕ.
2017 азы Ирон зарӕджы нӕлгоймӕгты паддзахадон къорд Дзанайты Ольгӕйы хъӕппӕрис ӕмӕ разамындӕй ссис Мариинаг театры Цӕгат-Ирыстойнаг Филиалы сфӕлдыстадон иуӕг. Афтӕмӕй хорӕн ӕрлӕууыд ӕндидзӕны дуг, йемӕ иумӕ та фӕзындысты ирон зарӕгаивад бахъахъхъӕныны хӕрзвадат уавӕртӕ. Æфсӕддон гимнтӕ ӕмӕ хъӕбатыртыл зарджытӕ, кадджытӕ ӕмӕ цардыуаджы куыстадон зарджытӕ, ӕрмигӕнӕг сылгоймӕгты ӕмӕ авдӕны зарджытӕ систы зарӕггӕнджыты къорды концертон программӕты астӕумагъ. Сӕ фӕрцы, дӕсгай паддзахадты аивадуарзджыты, зонгӕ кодтой нӕ хъӕздыг дзыхӕй-дзургӕ бынтимӕ, нӕ фыдӕлтӕ Европӕ ӕмӕ Азийӕ хӕхтӕм кӕй ӕрбахастой ӕмӕ цӕстыгагуыйау кӕй бахъахъхъӕдтой, уыцы сфӕлдыстадимӕ.
Дзанайты Ольгӕ йӕ ӕвӕллайгӕ фӕллой ӕмӕ фыдӕбоны фӕрцы схызт дирижеры дӕсныйады бӕрзонддӕр рындзмӕ. Уыдис ын ӕндонарм, цыргъзонд, ӕнкъараг уд ӕмӕ зӕды зӕрдӕ. Уый йӕ стырдӕр амондыл нымадта ирон кӕй у, уый. Уымӕн ирон аивад уыд кувӕндон. Уый мингай адӕймӕгты уыцы табуйаг бынатмӕ кодта удсыгъдӕггӕнӕн фӕндагыл. Иу кӕнӕ иннӕ зарӕгыл кусгӕйӕ йын ӕппӕтӕй сӕйрагдӕр уыд нӕ фыдӕлты уырнынад, зонд ӕмӕ мон баиу кӕнын, сӕрыстырдзинад ӕмӕ Райгуырӕн зӕххмӕ уарзондзинад адӕмы зӕрдӕты байтауын.
Йӕ ӕвӕллайгӕ фӕллой ӕмӕ стыр ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй Дзанайты Ольгӕ хорзӕхджын ӕрцыд; дирижеры сӕрмагонд Æппӕтдунеон дипломтӕй, Ирыстоны бӕрзонддӕр кады нысантӕ – орден «Ирыстоны кад» ӕмӕ майдан «Ирыстон намыс» – ӕй.
Цӕгат Ирыстоны Адӕмон сфӕлдыстады хӕдзар тӕфӕрфӕс кӕны Дзанайты Ольгӕйы бинонтӕн ӕмӕ ирон адӕмон сфӕлдыстад йӕ зӕрдӕйы бынат кӕмӕн ссардта ӕппӕт уыцы адӕмӕн…